Цыппурсы мæйы 13-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта Республикæ Никарагуа æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 79 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзал, кæцы ацыд Мæскуыйы.
Мадзалы фæлгæтты ацыд Министры фембæлд Республикæ Никарагуайы Президенты Уынаффæгæнæг инвестицитæ, базарад æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады фарстыты фæдыл Лауреано Ортега Мурильоимæ.
Ныхасы рæстæджы Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта хæларадон никарагуайаг адæмæн команданте Даниэль Ортега æмæ вице-президент Росарио Мурильойы сæргълæудæй, æмæ банысан кодта дывæрсон ахастытæ дарддæр кæныны ахсджиагдзинад.
Цхинвал, 2023 азы цыппурсы мæйы 13-æм бон